Австралийы  фидар зынигрвæзты  фæстиуæгæн  иу  барвæндон зынгхуыссынгæнæг  фæмард
Австралийы фидар зынигрвæзты фæстиуæгæн иу барвæндон зынгхуыссынгæнæг фæмард

Австралийы  фидар зынигрвæзты  фæстиуæгæн  иу  барвæндон зынгхуыссынгæнæг  фæмард, ноджы дыууæ адæймаг  та  зиæнттæ райстой.

Бæстæйы  горæт Мельбурны  фондз сыхы  цæрджытæм æрсидтис,  сæ  цæрæн хæдзæрттæ ныууадзынмæ.

Горæты  центрæй  16 километры,  арт  хæдзæртты æрдæм ахæлиу ис.   Зынг  1000-æй  фылдæр   хæдзар   скуынæг кодта.

Ныр   арты  змæлд  æрурдæтой. Фæлæ Мельбурны  уæлдæфы  температурæ  40 градусмæ æххæссы.

Бæрзонд температурæйæ  уæлдай  ма  дымы   фидар уад,   кæцыйы  тыххæй   зынг ахуыссын кæнын  зын кæны.