Авиакомпани  «EasyJet» Гуырдзыстонæй  тахтытæ сыххæст кæндзæн
Авиакомпани «EasyJet» Гуырдзыстонæй тахтытæ сыххæст кæндзæн

Бритайнаг бюджетон авиакомпани  «Изиджет» (EasyJet) райдаы  тахтытæ Гуырдзыстонмæ.

Фæнысангонды  фæдыл авиакомпани  видео æрцæттæ кодта, кæцыйы мидæг бæлццæттæн Гуырдзыстонмæ  балц   æнхъары æмæ бæстæйы  хуыздæр фендаг бынæтты  зонгæ кæны.

Тахтытæ 2025 азы  уалдзæгæй  райдайдзæн.  Ацы этапыл  авиакомпани  Гуырдзыстоны сæйраг горæтæй  тахтытæ Лондоны, Миланы æмæ Женевйы æрдæм сыххæст кæндзæн. Авиабилетты балхæнын ныридæгæн ис гæнæн  авиакомпанийы  вебфарсыл.

Фыццаг авиарейс  сыххæст уыдзæн Тбилисæй  Женевæйы æрдæм  31 марты.  Ацы  æрдæмадыл авиакомпани   къуырийы  дыуæ  хатты  тæхдзæн.  Фыццаг  апрелæй та райдайдзæн  тахтытæ  Лондоны  Лутоны  аэропортмæ æмæ Миланы  Малпенæй  аэропортмæ, афтæдæр кхуырийы мидæг дыууæ  хатты.