Авд оппозицион партийы фидиуæн – АИШ-ы фарсдарын æмбæстæгты протесты сгуыхтдзинад у, аргъ кæнæм АИШ-ы тыхархайдæн нæ бæстæйы евроатлантикон фидæны хъахъхъæды  хъуыддаджы
Авд оппозицион партийы фидиуæн – АИШ-ы фарсдарын æмбæстæгты протесты сгуыхтдзинад у, аргъ кæнæм АИШ-ы тыхархайдæн нæ бæстæйы евроатлантикон фидæны хъахъхъæды хъуыддаджы

АИШ-ы ахæм фарсдарын  Гуырдзыстоны сæрибар æмбæстгæты æнæаскъуынгæ  принципон, сабырадон  протесты сгуыхтдзинад у, кæцыйæн олигарх   Ивашвилийы хицауад  тыхдзинадæй дзуапп кæны.  Гуырдзыстон, уырыссаг олигархы сæрмагонд нæ  фæлæ   мах алкæй  у, –  уый фæдыл дзырдæуы  авд оппозицион партийы  фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,  оппозицион партитæ аргъ кæнынц  Америкæйы Иугонд Штатты  æнæцудгæ æмæ архайдон тыхархайдæн Гуырдзыстоны  европаг æмæ евроатлантикон  фидæны хъахъхъæды  хъуыддаджы.

«Мах, проныгуылæйнаг, демократон оппозицион партитæ бæрзонд аргъ кæнæм Америкæйы Иугонд Штатты  æнæцудгæ æмæ архайдон тыхархайдæн  Гуырдзыстоны  Конституцийы,  суверенитеты æмæ сæрибардзинады, нæ бæстæйы европаг æмæ евроатлантикон  фидæны  хъахъхъæды  хъуыддаджы.  АИШ-ы ахæм фарсдарын Гуырдзыстоны  сæрибар æмбæстæгты æнæаскъуынгæ,  принципон, сабырадон   протесты сгуыхтдзинад у, кæцыйæн  олигарх Иванишвилийы хицауад дзуапп кæны тыхдзинадæй.  Фæнды нæ, уыцы адæймæгтæм баздæхын,чидæриддæр нырма сты уырыссаг  режимы куысты: Уыцы цауы кæд æмæ аскуыддзаг кæндзыстут, уæхи дард айсын  уырыссаг режимæй æмæ баиу уат гуырдзиаг адæммæ нæ фыдыбæстæйы  Евроцæдис æмæ НАТО-йы  уæнгсуæвыны  тыххæй  тохы, ноджы уын иу  хатт ис шанс, бахъахъхъæнат  уæхи æмæ уæ  бинонты æхсæнадæмон санкцитæй.  Рахизут  рæстдзинады æрдæм. Ацы цауы цæттæ стæм,  архайæм нæ фадæтты  фæлгæтты, цæмæй  сæ къух саразæм уæ бинонты аиуварс кæнынæн  санкциты уæззау  фæстиуджытæй. Гуырдзыстон, уырыссаг олигархы сæрмагонд нæ фæлæ,  мах алкæй у!  О, Европæйæн, Нæй – уырыссаг режимæн», – фыст ис  фидиуæны, кæцыйыл къух æвæрынц партитæ: «Ахали», «Стратегиа Агъмашенебели», «Дроа», «Гирчи – Фылдæр Сæрибардзинад», «Республикæгтæ», «Лело» æмæ  «Иугонд Националон Змæлд».