Аудиты Куыст - Ахæлиугонд информацийы фоныл, ноджы лæбынæгдæр бацахуыр кæндзыстæм «Патриотты Альянсы» финансон декларацитæ
Ахæлиугонд информацийы фоныл, ноджы активонæйдæр бацахуыр кæндзыстæм «Патриотты Альянсы финансон деклараци», – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Аудиты куысты фехъусын кодтой.
Сæ информацийæ, «Патриотты Альянсы» финансон декларациты бацахуыр кæндзысты, куыд нывондгонд суммæты, афтæ хардзты æрдгæй.
«Паддзахадон аудиты куыст æвзæрстыты агъоммæ политикон партиты активон мониторинг æххæст кæны. Ахæлиугонд информацийы фоныл ноджы лæбынæгдæр бацахуыр кæндзыстæм «Патриотты Альянсы» финансон декларацитæ куыд нывондгонд суммæты, афтæ хардзты æрдгæй. Августы мæйы декларацитæ партитæ 7-æм сентябрмæ хъуамæ бавдисой æмæ уым æвдыст информацийыл бакусдзыстæм. Уæлæмхас информаци æркурдзыстæм «Патриотты Альянсæй». Афтæма спайда кæндзыстæм нæ мандаты фæлгæтты бæрæг алы амæлттæй, фæлæ цавæр амæлттæ бахъæудзæн, уый нын хъуыддаг æвзарыны процессы уыдзæн бæрæг», – хъусын кæнынц Аудиты куысты.
Интернетрауагъдад «Досье» публикаци кæны дыууæ æндæр æмæ æндæр документ æмæ ацы документтыл æнцойæ хъусын кæны, цæмæй «Патриотты Альянсæн» æвзæрстыты размæ консультацитæ уадзынц Уæрæсейы хицауадимæ хæстæг уангтæ, кæцытæ сæ куысты фæдыл хыгъдлæвæрдтæ æрвитынц Уæрæсейы паддзахадон структурæтæм. Статийы дзырдæуы уый фæдыл дæр, ома «Патриотты Альянс» æвзæрстытæм уырыссаг финансдзинад райста.