«Астразенекайæ» вакцинацийы процессмæ  45 азæй  кæстæрдæр кары æмбæстæгтæ дæр баиу  уыдзысты
«Астразенекайæ» вакцинацийы процессмæ 45 азæй кæстæрдæр кары æмбæстæгтæ дæр баиу уыдзысты

«Астразенекайы» вакцинацийы процессмæ  45 азæй  кæстæрдæр кары æмбæстæгтæ дæр баиу  уыдзысты.

Уый фæдыл  Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды  министры  хæдивæг Тамар Габуниа  иммунизацийы  советы  рабадты фæстæ  лæвæрд брифингыл йехъусын кодта.

«Рискытæн аргълæвæрды æмæ  уæлæмхас  консультациты  фæстиуæгæн совет ахицæн кодта, йæ фарс рахæца  уыцы æнхъарæнæн, ома  «Астразенекайæн» кармæ гæсгæ  арæн   фæкъаддæрдæр уа  45 азы онг, кæнæ та  55 аздзыды бæсты,  райсом, боны кæронæй  20:00  сахатæй  «Астразенекайæ»  вакцинацимæ  рад рагахст бакæнын 45 азæй  кæстæрдæр  кары æмбæстæгтæн уыдзæн сæ бон», –  загъта  Тамар Габуниа.

Абоны онг  Гуырдзыстоны «Астразенекайæ» вакцинæйæ  фæлхас кодтой  55 аздзыдæй  хистæрдæр  кары  æмбæстæгты  вакцинацийæн.