Аст æнæхицауадон организаци  Евроцæдисы рекомендациты сыххæсты фæдыл аргълæвæрды иумæйаг  документ æрцæттæ кодта
Аст æнæхицауадон организаци Евроцæдисы рекомендациты сыххæсты фæдыл аргълæвæрды иумæйаг документ æрцæттæ кодта

Аст æнæхицауадон организаци  12  рекомендаци сыххæсты фæдыл  аргълæвæрды иумæйаг  документ, статусметр æрцæттæ кодта.

Документ  Гуырдзыстоны  хицауады 2023 15 январæй  30 апрелы  онг периоды   цы прогрессмæ  баххæссыд, уæвæг уавæр    æмæ фидæнмæ плангонд къахдзæфтæ   æвдисы.

Презентацийыл   æмбæстагон   дзыллæйы   организациты, политикон къордты,  дипломатон  корпусы минæвæрттæ æмæ  æндæр интересджын фарсытæ уыдысты.  Æхсæнадон организщациты  аргълæвæрдæй,  уæвæг жтапыл  кæронмæ сæххæст  иу  домæн, фылдæр хайæ  сыххæст ис  дыууæ домæны, хайгай сыххæст сты  цыппар криериы æмæ сыххæст кæнинаг сты Евроцæдисы  фондз  домæн.  Сæ  дзырдæй,  зæгъгæ  домæнты сыххæсты æрдгæй,   2023  азы  31 мартæй  30 апрелы  онг  рахатинаг прогресс нæ уыд.

Документы  ис ахæм организациты  аргъвæрдтæ: «Гом æхсæнады фонд», «Демократийы  иртасаг  институт», «Тæрхондоны хъарагъул», «Гуырдзыстоны  демократон инциативæ», «Гуырдзыстоны стратегийы  æмæ æхсæнадæмон  ахастыты иртасаг фонд», «Фæткдæттынады  мониторингы  центр», «Гуырдзыстоны реформæты ассоциаци»,  «Патрнерад  адæймаджы бартæн», «Æмбæрзæн».