Ассоцирдзинады комитеты рабадтыл Гуырдзыстоны фæдыл резолюцийы æнæрайст Европарламентартæ рахъæлæба сты
Ассоцирдзинады комитеты рабадтыл Гуырдзыстоны фæдыл резолюцийы æнæрайст Европарламентартæ рахъæлæба сты. Евроцæдис -Гуырдызстоны асоцирдзинады парламентон комитеты рабадтыл хаццæгон документы æнæрайсты фæдыл социалон хызы рахъæлæба сты Европарламенты депутаттæ Маркета Грегорева æмæ Раса Юкневичиане. Грегорева «Твиттеры» фыссы, цæмæй декларацийы æнæрайст нæу сигнал гуырдзийаг адæмæн, уый у сигнал Гуырдзыстоны хицауадæн. «Абон мах нæ райстам Евроцæдис æмæ Гуырдызстоны æхсæн парламентон фембæлды финалон расидæн. Уый нæу сигнал гуырдзийаг адæмæн, уый у сигнал Гуырдзыстоны хицауадæн», -фыссы Грегорева.
Раса Юкневичиане банысан кодта, цæмæй йæ фарсыл хæцы демокартион æмæ европон Гуырдызстонæн, фæлæ категорионæй йæ ныхмæ цæуы æнæрæстадон архайдтытæн опозицийы ныхмæ. «Парламенты æндæр æмæ æндæр политикон къордтæй йæ фарсыл нæ рахæцыдысты Евроцæдис-Гуырдызстоны фембæлды расидæнæн. Æз йæ фарсыл хæцын демокартион æмæ европон Гуырдызстонæн, фæлæ категорионæй йæ ныхмæ цæуын æнæрæстадон архайдтытæн опозицийы ныхмæ», – фыссы Европарламенты депутат Твиттеры.
Страсбургы Евроцæдис-Гуырдызстоны ассоцирдзинады парламентон комитеты рабадтыл Гуырдызстоны фæдыл резолюци ист не æрцыд.