Аслан Бжаниа - Женевæйы форматæй уæлдай, Гуырдзыстон æмæ Абхазæн æнæмæнгхъæугæ у бадзырдты дыууæфарсон платформæ
Женевæйы форматæй уæлдай, Гуырдзыстон æмæ Абхазæн æнæмæнгхъæугæ у бадзырдтæн ног платформæ, – уый фæдыл оккупацигонд Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты уæлахиздзау кандидат, Аслан Бжаниа, уырыссаг агентад «РИА Новости»-имæ интервьюйы райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дыууæфарсон бадзырдты фæлгæтты, гæнæн ис чысыл арæйнон фарстатæ.
«Гуырдзиæгтæ æмæ Гуырдзиаг паддзахад – нæ сыхæгтæ сты. Фæнды нæ æви нæ, фæлæ нын ис бирæ контакт Гуырдзыстон æмæ Абхазы æмбæстæгты æмвæзадыл. Адон сты адæймæгтæ, кæцытæ цæрынц, арæныл дыууæрдæм змæлд кæнынц, ныццæуынц уырдæм. Ацы адæймæгтæн сæвзæрынц æндæр æмæ æндæр проблемæтæ – хъыгагæн, не мбæстæгтæй бирæтæ тыхыбын сты уырдæм ацæуын квалифициргонд медицинон æххуыс райсынæн. Афтæ дæр вæййы æмæ Абхазы территорийыл разнаггад кæнынц æмæ стæй гуырдзыстонмæ айсынц сæхи. Иннæрдæм дæр вæййы. Зонут æй вæццæгæн, энергетикон комплексы «Ингур-ГЭС»-ы иумæ кæй эксплуатаци кæнæм, уый. Уый афтæдæр у контактты бæрæг æмвæзад», – банысан кодта Аслан Бжания.
Бжаниайы хъуыдымæ гæсгæ, бирæ ахæм фарстатæ æркæсынæн æмæ аскуыддзаг кæнынæн, гæнæн ис бадзырдты хъауджыдæргонд формат бакусын.
«Уый гæнæн ис, Женевæйы формат куыд у, территорионæй афтæ дард платформа ма уа. Ам арæнгæрон искуы – ахæм фарстатæ аскуыддзаг кæнынæн», – райхъусын кодта Аслан Бжаниа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Абхаз райсы Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр институттæй сигналтæ, кæцытæ уый амонæг сты, цæмæй Гуырдзыстоны бæрæг политикон тыхты фæнды бирæ интенсивондæр диалог æрфидар кæнын.