«Артефакттæ» - Цалдæрмæййон паузæйы  фæстæ, сценæ «Такарайыл»  Сухишвилиты  концерт æрцæудзæн лæвæрд [фото]
«Артефакттæ» - Цалдæрмæййон паузæйы фæстæ, сценæ «Такарайыл» Сухишвилиты концерт æрцæудзæн лæвæрд [фото]

Цалдæрмæййон паузæйы  фæстæ,  гуырдзиаг националон  балет  «Сухишвилеби»  сценæмæ æздæхы.  «Артефакттæ» –  афтæ хуыйны ног  проект, кæцыйы  Сухишвилитæ, 27  июлы, Напетвариты  фæндагыл уæвæг  сцена «Такарайы»   равдисдзысты.

Программæ  дыууæ  хайæ  у –  «Артефакттæ» кæцы  специалонæй   сцена  «Такарайæн»   сæвæрдтой;  дыккаг хай та, проект  «Цеква Картули»-йæ  у, кæцыйы ансамблы  сæйраг  хореограф  Иликъо Сухишвили  ивгъуыд азы  сывæрдта.

Фæнысан кæнын хъæуы, цææмй кафтытæ   кæрæдзиимæ баст сты  драматургионæй  æмæ  æнæхъæнæй  иу актджын балетæй  арызт æрцæудзысты.