Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы бардзырдæй, архимандрит Доротейæн (Хъурашвили) сауджыны бар æрурæдтой.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны Патриархи хъусын кæны.
«Фæдзæхстытæм æнæкæсгæйæ, архимандрит Дороте(Хъурашвили), Тбилисы Сыгъдæг Самебайы кафедралон аргъуаны динамонæг, 55-æм апостолон каноныл бындурæвæрдæй сауджынæй æрурæдтой аргъуаны канонон этикæйы бирæ хатт хæлдтыты тыххæй» – ис фыст Патриархы барамынды.