Арчил Татунашвилийы мард Цъилканмæ аргъæвтой.
Арчил Татунашвилийы мард экспертизайы националон бюройæ Цъилканмæ сæрмагонд хæдзармæ аргъæвтой.
Цъилканы æрымбырд сты хуымæтæг æмбæстæгтæ, мардгонды хъæуы цæрджытæ, аргъуаны бæрнонтæ, кæцытæ Татунашвилийы уды æрымысыды куывд сыххæст кодтой.
Арчил Татунашвилийы буар нырма Тбилисы, Самхараулийы экспертизæйы бюромæ аластой.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, 22 февралы оккупацигонд Цхинвалы минæвæрттæ æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты, Арчил Татунашвилийы, Леван Куташвилийы, æмæ Иосеб Палиашвилийы. Куташвили æмæ Павлиашвилийы цалдæр боны размæ ссæрибар кодтой.
Арчил Татунашвили 23 февралы, оккупацигонд Цхинвалы æнæбæрæг уавæрты æрбамард.