Арчил Татунашвилийы фæдыл резолюцийыл консультацитæ адаргъ уыдзысты
Арчил Татунашвилийы фæдыл резолюцийыл консультацитæ адаргъ уыдзысты

Арчил Татунашвилийы фæдыл резолюцийыл консультацитæ адаргъ уыдзысты

Резолюцийы проекты фæдыл æттаг хъуыдтæгты министрады бæрнонтимæ консультацитæ сты плангонд.

Парламентон фылдæры хай резолюцийы документыл куысты процессы æттаг хъуыдтæгты министрады бастдзинадæй райгонд сты.

Бафидаудзысты æви нæ фылдæры хай æмæ опозици резолюцийы иумæйаг проектыл тагъд рæстæджы суыдзæн зындгонд.

Парламентон фылдæрты лилдеры  Арчил Талаквадзейы  фидиуæнæй,   парламент  Арчил Татунашвилийы  хъуыддагыл  иу  фидар, принципон резолюци  хъуамæ райса.

«Арчил Татунашвилийы  хъуыддагыл ныхас куы цæуы, мах хъуамæ слдæууæм иууон позицийыл. Нæ  фылдæры  хайы  нысан у,  ацы фарстыл  парламент райса  иууон, фидар  принципон резолюци, кæцыйы мидæг уыдзæн аргълæвæрд    ацы  уæззау   фыдракæндæн  æмæ конкретон  реагирдзинад уыдзæн æркуырд. Ай æххæссы фæдагуырдмæ, æхсæнадæмон мониторингмæ æмæ  цæй зæгъын æй ъхъæуы   фыццаджы дæр  бинонтæн буар радæттынмæ.

Консультацитæ райдыдтам. Ныфсæ мæ ис   цæмæй бахъом уыдзыстæм  æввахсдæр периоды  бадзурын  æмæ   парламент  райсдзæн  иууон  резолюцийы  ацы фактмæ гæсгæ» хъусын кæны Арчил Талаквадзе.