Арчил Татунашвилийы бинонтæ Уæрæсейы ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ индивидуалон хъастæй сидынц
Арчил Татунашвилийы бинонтæ Уæрæсейы ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ индивидуалон хъастæй сидынц
Гиоргий Татунашвилийы номæй Уæрæсейы ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ хъаст цæттæ кæны – уый фæдыл Арчил Татунашвилийы бинонты адвокат Тамар Авалиани раисдтис.
Афтæ дæр адвокат, ныфс дары, цæмæй хъуыдтагы фæдагуырд эффектонæй сырæздзæн.
«Мах цæттæ кæнæм индивидуалон хъаст Гиоргий Татунашвилийы номæй уæрæсейы ныхмæ. Ныфс дарæм фæдагуырд бындурон æмæ эффектонæй сыххæст уыдзæн æмæ мах нæ бахъæудзæн Гуырдызстоны ныхмæ хъаст баххæсын» – расидтис Авалиани.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, тынг бирæ фарста ис экспертизайы фæдыл, дыууæ мæйæ фылдæр ацыд æмæ экспертизайы хаццæг нырма зындгонд нæу.
«Экспертизамæ та цы хауы, бирæ фарстатæ ис махмæ. дыууæ мæйæ фылдæр ацыд æмæ экспертизайы хаццæг нырма зындгонд нæу» – банысан кодта адвокат.
Йæ расидæнмæ гæсгæ, тынг нысаниуæгджын у мæлæты аххосаг сбæлвырд.
Афтæ дæр Европайы адæймагы барты тæрхондонмæ хъастæй сиды Гуырдызстон дæр – Арчил Татунашвилийы цардмæ бахъавыны фактыл Гуырдзыстон, бахъаст кæндзæн Европæйы адæймаджы барты тæрхондонмæ. Уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукиани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Страсбургы тæрхондонмæ бавдисинаг хъастыл куыст тагъд фæуыдзæн æмæ дзуппмæ лæвæрд фарс уыдзæн Уæрæсейы Федераци зæгъгæ.
«Юстицийы министрад хицауадимæ бадзырдæй, нырма ноджы уæд райдыдта хъаст цæттæ кæнын Страсбургы тæрхондонмæ арвитынæн, нæ хицауад алы амæлттæй куы архайдта, Цхинвалы регионæй мардыбуары æрыздахын. Уый фæстæ æрцыд марды ралæвæрд, кæцыйæн йæ ном ссардтам æмæ йæ баврдтам, фæлæ хъаст цæттæ кæнын нæ фæурæдтам. Цыбырдæр æмгъуыдтæм хъасты кæронмæ æрцæттæ кæндзыстæм, алы процедурæ хъаххъæнгæйæ, кæцы райрæзын кæндзæн нæ шансытæ. Ацы хъуыддагыл цæй зæгъын æй хъæуы дзуапп дæттæг уыдзæн Уæрæсейы Федераци» – райхъусын кодта Тея Цъулукиани.