Арчил Талакъвадзе - Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн
Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн. Украинайы цыфæнды агресси æмæ йæ суверенитетмæ куыдфæнды бахъавын нæрайсгæ сты. Мах стæм украинаг адæмы фарсмæ, – уый фæдыл парламенты вице-спикер Арчил Талакъвадзе райъхусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы архæйдтытæ мæтæфтауæг сты.
«Алчи æмбарæм æмæ уынæм, цæмæй Украинайы цы уавæр ис уый, дырысæй фæлхатт кæны Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты оккупаци, кæцы ныридæгæн æрцыд. Адон не сты салд конфликттæ, ацы конфликт, оккупаци дарддæр кæны æмæ æрвылбойнонæй тынг бирæ адæймагы барты хæлд æмæ æмæ ацы регионты рæзынад куылымпы кæны. Цæй зæгхын æй хъæуы, уый у мæтæфтауæг. Ацы цауы Уæрæсейы Федераци раст афтæ хъавы Украинайы дæр. Ис нын æнгом координаци партнертимæ, куыд Америкæимæ, афтæ Евроцæдисимæ æмæ æнхъæлмæ кæсæм, се рдгæй архайадон къахдзæфтæм уыцы æнæзаконон архæйдтыты дзуаппæн, кæцытæ халынц æхсæнадæмон барад æмæ Украинайы севурунитет» – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
Уыимæ ма, Арчил Талакъвадзейы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсемæ нæй бар, сыхаг паддзахадты территоритæ «хæдбарыл» банымайын.