Арчил Талакъвадзе -2020 азы æвзæрстытæ уыдзысты уагъдгонд 3% барьерæй, блоктæй æмæ хæццæ системайæ
Арчил Талакъвадзе -2020 азы æвзæрстытæ уыдзысты уагъдгонд 3% барьерæй, блоктæй æмæ хæццæ системайæ
2020 азы æвзæрстытæ уыдзысты уагъдгонд 3% барьерæй, блоктæй æмæ хæццæ системайæ – уый фæдыл Парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе раисдтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æвзæрстыты пропорцион уагæй ауагъдæн депутатты хъæлæстæ нæ уыд æгъæд.
“2020 азы æвзæрстытæ пропорцион уагæй ауагъдыл абон парламенты сырæзт халæппæрст æмæ æнæкæсгæ уымæ, æмæ фылдæры хайы депутаттæ йæ фарсыл рахæцыдысты, афтæ дæр опозицийы уæнгтæ дæр рахæцыдысты йæ фарсыл, хъæлæстæ нæ уыдысты æгъгъæд.2020 азы æвзæрстытæ уыдзысты уагъдгонд 3% барьерæй, блоктæй æмæ хæццæ системайæ” -раисдтис Арчил Талкъвадзе.
Пропорцион системамæ ахызты фæдыл парламентон фылдæры хайы конституцион ивæндзинæдты хъæлæс лæвæрд нæ сырæзт
Пропорцион æвзарæнон системамæ ахызты фæдыл парламентон фылдæры хайы конституцион ивæндзинæдты хъæлæс лæвæрд нæ сырæзт.
Фарстайы фæдыл сæрибар халæппæрст сырæзт. Конституцион ивæндзинæдты райстæн 113 депутаты фарсылхæцындзинад уыд æнæмæнг. Хицаугæнæг къорды бацæттæгонд проект та 101 депутат рахæцыд йæ фарсыл, æртæ та йæ ныхмæ.