Арчил Гордуладзе – ног закъон нæ хауы уыцы æхцайы фæрæзтæм, кæцытæ иммигрант, бинонты хардзтæн æрвиты
Эка Гигаури зоны, цæмæй ног закъондæттынад йæ тыхы бацæуыны фæстæ, æцæгæйдæр хъуамæ уа æргом æмæ ныр хъавы ноджы иу мæнгдзинад адæмæн бауырнын кæна, ома иммигрантæн йæ бон нæу йæ бинонты уæнгæн æхца æрвитын. Ног закъон нæ хауы уыцы æхцатæм, кæцытæ иммигрант йæ бинонтæн хæдзарон нысанæн æрвиты– уый фæдыл социалон хызы фыссы «Гуырдзиаг бæллиццы» уæнг Арчил Гордуладзе.
Арчил Гордуладзейы ныхасмæ гæсгæ, Эка Гигаурийы цау у классикон цæвиттон, цæмæн æрмæст æнæмæнгхъæугæ нæу, фæлæ ма æнæмæнгхъæугæ у закъондæттынад фæхуыздæр кæнын æмæ нæ бæстæмæ фæсарæйнаг сау æхцайы бацыд минималон кæнын.
«Фæсарæнæй финансгонд «æппæтдунеон æнæфæзынгæдзинад», иуæй иу уæнгты хъыгдардмæ æнæкæсгæйæ, нæ бон уыдзæн нæ бæстæйы сабырад бахъахъхъæнын, реформæтæ ауадзын, экономикæйы рæзт , социалон фарстатæ æрбæстон кæнын æмæ Гуырдзыстоныл батыхсын, кæцы у нæ райгуырæн бæстæ, ахæм адæймæгтæн та – æрмæстдæр фыст паспортыл сæ дзыппыты», – фыссы Гордуладзе.