Арчил Гордуладзе – фендзыстæм, цæмæй Европарламенты дебаттæ цалдæр адæймаджы хайадистæй сырæздзысты, цы ран ничи ницæмæ байхъусдзæн æмæ æрмæст расидæнтæ сырæздзæн
Европарламенты резолюциты æмæ дебатты нымæц ныридæгæн афтæ бирæ у, цæмæй зын банымайæн у, кæд æмæ уыдонæй алкæцы дæр разæнгард кæны мæнгдзинадæй, гæды ныхæстæй æмæ уыдонæй комкоммæ контрол кæмæн ис, уыдоны нæ бæстæмæ æрбабырсты фæлварæнтæ – уый фæдыл парламенты юридион фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Арчил Гордуладзе расидтис.
«Мах фендзыстæм, цæмæй дебаттæ уагъд цæудзысты къуындæг залы æрмæст цалдæр адæймагы хайадистæй, цы ран ничи ницæмæ байхъусдзæн æмæ æрмæстдæр расидæнтæ уыдзæн арæзт, цæмæй телеуынынады станцæтæ, интернет-медиа æмæ «Националон змæлды» контролгонд хицæн адæймæгтæ расидæнтæ саразой æмæ шоу равдисой цалдæр боны дæргъы» – райхъусын кодта Арчил Гордуладзе.