Арæзтадон куыстыты æмæ куысты æдасдзинадмæ гæсгæ, ног закъондæттæн регуляцитæ æрцæттæ уыдзысты
Арæзтадон куыстыты æмæ куысты æдасдзинадмæ гæсгæ, ног закъондæттæн регуляцитæ æрцæттæ уыдзысты, кæцытæ парламенты инициргонд «Продукты æдадсзинады кодексмæ» æрцæудзæн æфтыд. Уый тыххæй скуыддзаг, ист æрцывд хицаугæнæг къорды æхсæн, кæцыйыл абон парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе æмæ Тбилисы мер Каха Каладзе фæныхас кодтой.
Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ, абон арæзтадон куыстыты æмæ куысты æдадсзинадмæ гæсгæ сырæзт кæронбæттæн консультаци æмæ ацы инициативæйы бындурыл, парламенты уыцы закъонопроекты каст батагъддæр уыдзæн, кæцы раст ацы фарстмæ æххæссы.
«Уый махæн алкæмæн дæр иттæг нысаниугджын фарст у æмæ арæзтадон куыстытыл вæййы амæттаг дæр. Инициргонд закъонопроектæн йæ нысан у, ацы фарст растæй срегулир кæнæм. Хъуыддаг æххæссы санкциты фæкарздæр кæнынмæ æмæ администрирдзинады фæхуыздæрмæ. Афтæдæр нымадмæ ист санкцитæ, кæцытæ æххæссынц æнæзакъонон арæзтадтæм. Æппæты фæстагмæ ацы ивындзинæдтæ проблемæйы лæмбынаг аскуыддзагæн баххуыс уыдзысты. Арæзтадты бæрзонд темпæй райгонд стæм фæлæ уый ма хъуамæ уа амæттагы хардзыл. Уый нымæцы нæдæр урбанон сфыдуынд кæныны хардзыл. Ивдтытæ кæцыты кой кæнæм, хаст æрцæудзысты «Проджукты æдадсзинады кодексмæ». Ивындзинæдтæ цæугæ къуырийы дыккаг кастæй æрцæудзысты ист» – фехъусын кодта Ираклий Къобахидзе.