Апелляцион тæрхондон «Рæстадон æвзæрстыты» апелляцитæй иу дæр нæ баххæст кодта æмæ Гуры тæрхондоны æскъуыддзаг бюллетентæ ногæй банымайыны фæдыл аивдта
Апелляцион тæрхондон «Рæстадон æвзæрстыты» (ISFED) æртæ хъастæй иу дæр нæ сразы кодта æмæ 15 фадыгы æнæраст бюллетентæ ногæй банымайыны фæдыл Гуры районон тæрхондоны ист уынаффæ аивдта.
Тæрхонгæнджытæ Илона Тодуа, Тамар Ониани æмæ Чъичъилашвили Нана, уынаффæ, æртæ сахаты бæрц тæрхоны фæстæ рахастой.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй Гуры районон тæрхондон 4-æм ноябры райста уынаффæ фæмæнггонд бюллетентæ ногæй банымайыны фæдыл.