Антонио Гуттереш -  Шокы æфтыд  дæн мæ иуæй-иу фидиуæны æнæраст интерпретацийы тыххæй, цæвиттон «Хамасы» теракттæ рæстытæ кæнын, уый мæнг у
Антонио Гуттереш - Шокы æфтыд дæн мæ иуæй-иу фидиуæны æнæраст интерпретацийы тыххæй, цæвиттон «Хамасы» теракттæ рæстытæ кæнын, уый мæнг у

Шокы  дæн нæ иуæй-иу  зноны фидиуæны  æнæраст интерпретацийы тыххæй, цæвиттон «Хамасы» терактты  рæстытæ кæнын- уый фæдыл  ИНО-йы  генералон нымæрдар  Антонио Гуттереш  райхъусын кодта медиаимæ ныхасы, кæцыйы рæстæджы æдæсдзинады  советы рабадтыл  разагъд  фидиуæнты  тыххæй  æмбарынгæнæнтæ ратта.

Фæнысан кæнинаг у, цæмæй Гуттерешы  фидиуæн, цæмæй «Палестинаг  адæм нырид 56 аз у, æбуалгъ  оккупаци æвзарынц» – Израилы смæсты кодта.  Гуттерешы дзырдæй, «Хамасы» фæдыл  йæ фидиуæн  æнæраст бамбæрстой.

«Шокы дæн  мæ иуæй-иу  зноны фидиуæны  æнæраст интерпретацийы тыххæй, цæвиттон «Хамасы» терактты  рæстытæ кæнын, уый гæдыдзинад у.  Иннæрдæм  зноны ралæуды рæстæджы  æз дырыс райхъусын кодтон  цæмæй   фауын «Хамас» цы æбуалгъ  æмæ  прецедент цæмæн нæй  ахæм террористон бырст сыххæст кодта Израилыл. Ницы сраст кæндзæн  марындзинæдтæ. Æмбæстæгты  скъæфты  æмæ  сабырадон объекттæм  бырстытæ.  Æцæгæй æз фæныхас кодтой палестинаг  адæмы хъыгдзинадыл æмæ кæсын цитатæ – «Палестинаг адæмы хъыгдзинад не сраст кæндзæн  «Хамасы» æмбуалгъ бырстытæ», – райхъусын кодта Гуттереш.

Знон медиайы ахæлиу ис  ИНО-йы генералон  нымæрдары фидиуæн, кæцыйы  банысангонд у:  «Нысаниуæгджын у уый нымадмæ райсын, цæмæй «хамасы» бырстытæ  не рцыдысты вакуумы, палестинаг  адæм 56 азон  оккупацийы дæлбар сты». ИНО-ы Израилы минæвар, Гилад  Эрдан, Гуттерешы  фидиуæны «шокы æфтауæгæй», «æлгъагæй»  æмæ «регоины  реалондзинадæй  æххæстæй  фæхицæнгондæй» схуыдта  æмæ Антонио Гуттерешæй æркуырдта  æнæаргъæвгæйæ  йæ куыст бынатæй йæхи суæгъд кæнын.