Анна Фотига – оппозицийы парламенты æддæйæ уæвын куылымпы кæны бæстæйы демократизаци
Европарламенты уæнг Польшæйæ Анна Фотига хайад иста гом æхсæнадты фондты Брюсселы æмæ Гуырдзыстоны офисты инициативæйæ ацæугæ онлайн дискуссийыи, кæцы æххæссыд Шарль Мишелы документмæ æмæ йæ дарддæры сыххæстмæ.
«Æдасдзинады æрдгæй уæвæг уавæр регионы зынæй-зындæр кæны. Уый тыххæй сæрмагондæй аргъ скæнын хъæуы Гуырдзыстоны алы хицауадты, уый нымæцы уæвæг хицауады архайдæн, цæмæй бæстæ æрыввахс кæна евро-атлантикон структурæтæм;
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, оппозцийы парламенты æддæйæ уæвын куылмпы кæны юбæстæйы демократизацийы процесс æмæ хъæуы, цæмæй куыд оппозици афтæ хицауад бакой кæной Евроцæдисы медиацийæ ист бадзырды сыххæст» – райхъусын кодта Анна Фотига, кæцыйы рацыды тæлмац публикаци кæны Гом Æхсæнады фонд.
Гом Æхсæнадты Фондты Брюсселы æмæ Гуырдзыстоны офисты инициативæйæ европарламентар Петрас Аустревичус патронажæй (ALDE/Лиетувæ) ацыдис онлайн дискусси «Куыд ис гæнæн Гуырдзыстоны сæндидзан кæна политикон стабилондзинад æмæ æрывнала реформæты сыххæстмæ». Сæйраг раныхасгæнджытæ уыдысты Евроцæдисы медиатор Кристиан Даниелсон, Европарламентартæ Петрас Аустревичус, Андриус Кубилиус, Анна Фотига, Гом Æхсæнадты Фондты минæвæрттæ Кети Хуцишвили Гуырдзыстонæй æмæ Искра Кирова Брюсселы офисæй.