Анна Фотига – фембæлдтæн Гиули Аласаниа æмæ Гиорги Чаладзеимæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад мын ноджы иу хатт нæзагъд ракодта Гуырдзыстоны æртыккаг президентмæ визитыл
Европарламентари Анна Фотига Михеил Саакашвилийы мадимæ, Гиули Аласаниаимæ фембæлды фæдыл фыссы «Твиттеры».
Фотига куыд хъусын кæны афтæмæй, Михеил Саакашвилиимæ фембæлды бар та йын нæ раттой.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад ноджы мын иу хатт нæзагъд ракодта Гуырдзыстоны æртыккаг президентмæ визитыл, кæцы нырид иу афæдз у ахст кæй у. Фембæлдтæн Саакашвилийы мадимæ, Гиули Аласаниаимæ æмæ йæ хæлар Гиорги Чаладзеимæ, цæмæй уыдонæй базонон информаци Саакашвилийы уавæры фæдыл. Сæ мотиваци æмæ сахъдзинад мыл стыр тæлмæн скодта», – фыссы Фотига.