Ангела Меркель Уæрæсейы ныхмæ евроцæдисы уагæвæрд экономикон санкциты фæтыхджындæримæ разы у
Германийы канцлер Ангела Меркель Уæрæсейы ныхмæ евроцæдисы уагæвæрд экономикон санкциты фæтыхджындæримæ разы у. Уый фæдыл Меркель бундестагы раныхасæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Канцлеры дзырдæй, Германи мæсты у Украинæйы Уæрæсейы архæйдтытæй æмæ санкцитæм гæсгæ Евроцæдисы уæнг паддзахадтимæ активон бадзыртæ уадзы.
Ахæлиугонд информацийæ, 13 декабры евроцæдисы самитыл Германийы канцлер æмæ Францы президент Евроцæдисы уæнгтæм Минскъы бадзырды фæдыл информаци бавдисдзысты.
Æнхъæлынц цæмæй гæнæн ис, Евроцæдис растдæр ацы саммитыл рахæсса Уæрæсейы ныхмæ экономикон санкциты фæтыхджындæр кæныны тыххæй уынаффæ.