Ангела Меркел - Паризы Мады Майрæмы аргъуан у Францы æмæ æнæхъæнæй, Европæйы культурæйы символ
Тынг риссаг у судзгæ аргъуаны сурæт фенын – уый фæдыл Германийы канцлер, Ангела Меркел райхуъсын кодта. Канцлеры фидиуæн йæ пресс-нымæрдар ахæлиу кодта.
« Куыд рисссаг судзгæ аргъуан фенын. Нотр Дам де Пари, Францы æмæ æнæхъæнæй мах, Европæйы культурæйы символ у. Мæ хъуыдытæ иууыл нæ хæлар францаг адæмимæ сты» – райхъусын кодта Германийы канцлеры Ангела Меркелы пресс-нымæрдар.
Паризы Мады Майрæмы аргъуаны масштабон зынгирвæзт фæзынд. Фæстаг информацийæ, аргъуаны хъæдæй уæлхæдзар, æнæхъæнæй басыгъд.