Ангела Меркель - Ираны атомон бадзырд идеалон нæу, фæлæ йæ бахъахъхъæнын иттæг нысаниуæгджын у
Ираны атомон бадзырд идеалон нæу, фæлæ йæ бахъахъхъæнын иттæг нысаниуæгджын у – уый фæдыл, Германийы канцлер райхъусын кодта. Ангела Меркелы ныхæстæм гæсгæ, регионы Ираны ролы æмæ Тегераны ракетон программæйыл æхсæнадæмон æмгарады мæстыдзинады равдисыны сегасæй хуыздæр амал у атомон бадзырды формат.
«Фарстæ афтæ лæууы, нæ бон у æви нæ хуыздæр ныхас кæнын, бадзырдæй дæхи куы айсыс, кæнæ дæ бынат куы нæ уадзыс уæд. Мах дзурæм, цæмæй нæ бон у хуыздæр бадзурын, бадзырдты куы баззайæм уæд» – банысан кодта Меркель.
Германийы хицауады къухдариуæггæнæг афтæдæр райхъусын кодта, цææмй атомон фарстытыл кусæг организациты бындурыл, Иран бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста, уыдоны æххæст кæны зæгъгæ.