Ангела Меркель Европæйы æддæ политикæйыл - Нæхимæ хъуамæ райсæм бæрн нæхи тыххæй
Германийы канцлер Ангела Меркель хъуыды кæны, цæмæй евроцæдис æдадзсинады сферæйы АИШ-ы ныфсæй мауал хъуамæ уа. Уый фæдыл Германийы лидер фæныхас кодта Давосы экономикон форумыл æддæ политикæйы тыххæй дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Германийы канцлер куыд банысан кодта афтæмæй, Европæйы сыхы бирæ глобалон конфликт цæуы, кæцыйы фæстиуæгæн Европæйы миграцион кризис сырæзт. Ангела Меркель фæныхас кодта Европæйы иууон хъахъхынынады политикæйы нысаниуæгыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ хъахъхнынады сферæйы æмгуыстад нæу НАТО-йы ныхмæ здæхт.
Ангела Меркелы фидиуæнæй, миграцион кризисы æрбиноныгмæ гæсгæ евроцæдисы мидæгæй æндæр æмæ æндæр позицитæ ис, фæлæ организаци ацы сидтыл фæтых уыдзæн.
Германийы лидæр æнæмæнгхъæугæйыл нымайы Евроцæдисы æддæ арæнты хъахъхæдад дæр.