Анджей Дуда – Киевыл бомбæты æрыппæрст у терроры  ирд акт
Анджей Дуда – Киевыл бомбæты æрыппæрст у терроры ирд акт

Анджей Дуда – Киевыл бомбæты æрыппæрст у терроры  ирд акт

Киевыл бомбæты æрыппæрст у терроры  ирд акт, – уый фæдыл социалон хыз «Твиттеры» Польшайы президент Анджей Дуда фыссы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый чысыл рæстæджы размæ президент Володимер Зеленскиимæ ныхас кодта æмæ уавæр Киевы тынг уæззау у.

«Ныр ныхас кодтон Зеленскиимæ . Уавæр Киевы уæззау у. Сæумæрайсомæй уырыссæгтæ райдыдтой бомбæты æппæрст горæтыл. Дронтæ бомбæтæ калынц цæрæн хæдзæрттыл. Адæймæгтæ мæлынц. Уый у терроры акт», – фыссы Дуда.