Анджей Дуда – Гуырдзыстон хуынд хъуамæ уа НАТО-мæ  паддзахады сæргълæууæгы æмвæзадыл, ацæуæд НАТО-Гуырдзыстоны æмæ НАТО-Украинайы фембæлд дæр, цæмæй сын равдисæм, ома  ацы  бæстæты нæ фæуагъдтам
Анджей Дуда – Гуырдзыстон хуынд хъуамæ уа НАТО-мæ паддзахады сæргълæууæгы æмвæзадыл, ацæуæд НАТО-Гуырдзыстоны æмæ НАТО-Украинайы фембæлд дæр, цæмæй сын равдисæм, ома ацы бæстæты нæ фæуагъдтам

Уæрæсе уæлæмхас тыхтæ æрлæууын кодта Белорусы.  Кæд ацы æфсæддæттæ  баззайдзысты белорусы æмæ фыдыбæстæмæ нæ аздæхдзысты, уы Европæйы архитектурæ нысаниуæгджынæй  фæивдзæн, уымæн æмæ нæ  бон зæгъын уыдзæн, цæмæй Уæрæсе ноджы иу æфсæддон  зылд аразы –  райхъусын кодта Польшæйы  президент, Анджей Дуда НАТО-ы генералон нымæрдаримæ, Йенс Столтенбергимæ иумæйагæй лæвæрд пресс-конференцийыл.

Польшæйы президент НАТО-ы генералон нымæрдаримæ иумæйаг пресс-конференцийыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлды тыххæй  фæныхас кодта.

«НАТО-ы  Мадриды саммиты агъоммæ,  хъæуы,  ацæуа  НАТО-Украина æмæ НАТО-Гуырдзыстоны фембæлдтæ.  Уый банхъарыдтæн  генералон нымæрдарæн.  Æз фæныхас кодтон  Гуырдзыстоны президентимæ.  Цалынмæ Пекинмæ  ныццыдаин, Тбилисы фæлæууыдтæн. Фæныхас кодтон æдасдзинады  уавæрыл, бацымидис кодтон йæ  сæрмагонд  цæстæнгасæй  æмæ аргълæвæрдæй.  Уырны мæ, цæмæй  Гуырдзыстон хъуамæ уа  хуынд  НАТО-мæ  паддзахады сæргълæууæгы  æмвæзадыл  æмæ хъуамæ  ацæуа  НАТО-Гуырдзыстоны æмæ НАТО-Украинайы  фембæлд дæр  ацы æмвæзадыл, цæмæй  сын демонстраци скæнæм  ацы бæстæтæн,  равдисæм сын, цæмæй ацы бæстæты нæ фæуагъдтам.  Ацы бæстæтæ  кæддæриддæр  лоялон  уыдысты альянсмæ  æмæ  сын мах дæр хъуамæ равдисæм  цæмæй сæ НАТО йæ  зæрдыл дары.  Уый нысаниуæгджын у НАТО-ы æууæнкæн» – райхъусын кодта Дуда.