Андриус Калиндра – ахсджиаг момент у Евроцæдисæн æмæ Гуырдзыстонæн, кæцы  тырны  уæнгдзинадмæ, ныфс мæ ис, Гуырдзыстонæн пайдаджын уыдзæн консенсусс
Андриус Калиндра – ахсджиаг момент у Евроцæдисæн æмæ Гуырдзыстонæн, кæцы тырны уæнгдзинадмæ, ныфс мæ ис, Гуырдзыстонæн пайдаджын уыдзæн консенсусс

Иттæг ахсджиаг момент у куыд  Евроцæдисæн, афтæ  европаг бæстæты æмæ адæмæн, афтæма Гуырдзыстонæн, кæцы  тырны  Евроцæдисы уæнгсуæвынмæ.  Лиетувæ европаг  коллегæтимæ  активонæй  кусы  консессусмæ æрцæуынæн, уымæн æмæ  кæронбæттæн  уынаффæ бирæ паддзахад  растдæр  æмхъæлæсонæй  исы –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Лиетувæйы  минæвар, Андриус  Калиндра райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ йæм ныфс ис  цæмæй концесусс Гуырдзыстонæн пайдаджын удызæн.

«Рæстæг дыууæ къуырийæ къаддæр у. Евроцæдисы тых консессусæй  ист  уынаффæйы  рабæрæг уыдзæн æмæ хаттæй хатт  уымæ баххæссын æнцон нæу, фæлæ  æнæмæнгхъæугæ у. Фæнды мæ æмæ  мæм ныфс дæр ис  цæмæй  ацы консессус  Гуырдзыстоны пайдайæн  уыдзæн хаст æмæ  алчи фарстайыл  уыдзæн разыдзинад  15 декабры. Ацы фарста æнæрмæст хицауады, оппозицийы  кæнæ æмбæстагон æхсæнадæн у нысаниуæгджын, фæлæ ма  æнæхъæнæй  цæрджытæн.  Алцыппæт ис гæнæн. Махæн нæй рæстæг дзæгъæлы фесафыны хæпполдзинад, уый тыххæй ацы фадатмæ стыр бæрнæй уыдзыстæм  æмæ  активонæй кусдзыстæм  алы фарсимæ» –  банысан кодта  Андриус  Клиндра.

Еврокомиссийы æвæрццаг рекомендацийы фæсæ, 15 декабры европаг  совет  хъуамæ рахæсса  уынаффæ  Гуырдызстонæн  евроцæдисы æнгдзинады кандидат бæстæйы статус раттыны фæдыл.