Андрей Киска – Мах алы хатт дæр сæрыстыр уыдыстæм уæ арæзт реформæтæй æмæ сæ стыр нымæцæй
Андрей Киска – Мах алы хатт дæр сæрыстыр уыдыстæм уæ арæзт реформæтæй æмæ сæ стыр нымæцæй
Ацы ныхæсæтæй басидтис Словакийы президент Андрей Киска Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвилиимæ арæзт фембæлдыл.
Словакийы президент афтæ дæр бахахх кодта европон æмæ евроатлантикон интеграцийы фæндагыл Гуырдызстоны прогресс æмæ Гуырдызстоны ивгъуыд визиты рæстæджы окупацион хаххмæ ныццыды хабар æрымыс ыд.
«Махæн кад у абон ам уæвын æмæ бæрæгбонон мадзалы хайад исын. Мæн нæ ферох уыдзæн Гуырдызстонмæ визит, кæцы дыууæ азы размæ сыхæхст. Мæ бæстæмæ стыр эмоцитимæ æрыздæхтæн æмæ ацы къам иуыл мемæ ис, кæцы æз окупацион хаххыл систон. Æхсæв арæн рахæцыдысты арфдæр æмæ медицинон æххуысы автомобиль никуыд хызт територимæ. Бынæттон цæрджыты фæндыд медикты расидын, фæлæ арæны арфдæр рахæцыды аххосагæй медицинон æххуцыс никуыд райстой. Мæнæ уый тынг зын æмæ уæззау хабар уыд, уымæн æмæ иу у кæд æмæ хъусыс æмæ æндæр у дæхи цæстæй куы уыныс – æмæ уый растдæр æвдисы цы нысан кæны агрессион сыхаг æмæ куыд зын у ахæм уавæрты цæрын» -расидтис Киска.