Андерс фог Расмусен -  Гуырдзыстон æмæ Украинайæн  НАТО-ы фынгыл бынат баныфсвæрдтам, ныр аон у  ацы  дзырдлæвæрд сыххæст кæнын
Андерс фог Расмусен - Гуырдзыстон æмæ Украинайæн НАТО-ы фынгыл бынат баныфсвæрдтам, ныр аон у ацы дзырдлæвæрд сыххæст кæнын

НАТО-ы  раздæры генералон нымæрдар Андерс фог Расмусен   æрсидтис  цæгат-атлантикон альянсмæ,  архайадон план бакусынмæ, цæмæй   сыххæст уа 2008  азы  Бухаресты саммиты дзырдлæвæрд,  ома  Гуырдзыстон æмæ Украина суыдзысты НАТО-ы  уæнгтæ, – уый фæдыл  дзырдæуы Андерс фог Расмусены фыстæджы, кæцы  публикацигонд уыд  рауагъдад «Политико»йы.

НАТО-ы раздæры генералон нымæрдар   хъусын кæны, цæмæй  НАТО ницæй тыххæй  ма  хъуамæ  раттæт цыфæнды гаранти альянсы фидæны ауæрæхмæ гæсгæ.

«Уæрæсейы  сæ  къух бафыстой 1999 азы OSCE-ы   хартийыл, кæцы дæтты гаранти, ома алы  уæнг  паддзахадмæ ис бар, йæхæдæг сывзара  æмæ фæива  æдасдзинады  мадзæлттæ, уый  нымæцы  альянсты  бадзырдтæ.  Уый ма афтæдæр нысан кæны, цæмæй  кæрон хъуамæ  скæнæм Украина æмæ Гуырдзыстоны  евроатлантикон тырнынадыд  æвæрд де-факто ветойæн, кæцы Уæрæсейæн бантысти ацы бæстæты   конфликттæ  сцырын кæныны  фæрцы.  Конфликтты, кæцыты  интенсивондзинад  Путин йæ  сæрмагонд бонвæткмæ гæсгæйæ  рæзын кæны, кæнæ  каддæр кæны.

Мах Гуырдзыстон æмæ Украинайæн  баныфсвæрдтам бынат  НАТО-ы  фынгыл  æмæ ныр афон у, архайадон   план райсын, цæмæй  нæ  ныфсæвæрд  сыххæст уа.  Куы бахъæуа, уый саразын гæнæн ис,  уыцы  бадзырдæй, æмæ НАТО-ы фæндзæм  стати  æххæссы  æрмæст уыцы территоритæм, кæцыты  Тбилис æмæ Киев  контрол  кæнынц. Фæлæ иу у  бæрæг, НАТО-æн нæй гæнæн уа гом  дуары  политикæ, дуаргæсæй  Путин  куы лæууы  уæд», – хъусын кæны   НАТО-ы   раздæры  генералон нымæрдар.

Андерс фог Расмусены дзырдæй, Уæрæсе  Украинамæ  куы балæбура,  уæд  украинæгтæ цæттæ уыдзысты  сæрибардзинадæн хæцынмæ.

«Уæ зæрдæ ма кæмæн хсайæт, цæмæй  уый  уыдзæн хæст нæхи, Европæйы сæрибардзинадæн, уымæн æмæ  истори нын амоны,  цæмæй  агрессортæ  æрмæст сæ  сыхы нæ ныллæууынц», –  хъусын кæны НАТО-ы  раздæры генералон  нымæрдар.

Афтæма йæ  дзырдæй,  Уæрæсеимæ  диалог æнæмæнгхъæугæ у, фæлæ  нæй  гæнæн  ахæм уавæрты, Уæрæсе  æхсæнгарз дæм  куы дары, уæд. «Ныр куы  фæгæдзæ кæнæм, уый уыдзæн æрвитæггаг, кæцыйы  бамбардзысты махыл  баст демократитæ æмæ автократтæ дæр, кæцытæ нæ  сæрибардзинадæй  тæрсынц», – фыссы  Андерс фог Расмусен.