Аналена Бербокы хуындæй, Илиа Дарчиашвили хайад райсдзæн Евроцæдисы ауæрæхы фарстайы фæдыл Берлины плангонд конференцийы
Аналена Бербокы хуындæй, Илиа Дарчиашвили хайад райсдзæн Евроцæдисы ауæрæхы фарстайы фæдыл Берлины плангонд конференцийы

Райсом 2 ноябры, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Берлинмæ фæуазæг уыдзæн.

Гуырдзыстоны æддæ хъуыддæгты министрады хъусинагæй, Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр Аналена Бербокы хуындæй, Илиа Дарчиашвили хайад райсдзæн Евроцæдисы ауæрæхы фарстайы фæдыл конференцийы – Making the European Union fit for enlargement and future members fit for accession.

Фæсарæн хъуыддæгты министр дзырдæй раздæхдзæн хайадисджытæм кусæн къорды фæлгæтты, кæцы Европæйы ауæрæхы фарстатæм нывонд уыдзæн.

Илиа Дарчиашвили фæныхас кæндзæн Гуырдзытсоны евроинтеграцийы процессыл, 12 пункты сыххæст цыды æмæ бæстæйы æнхъæлцыд кандидаты статусмæ гæсгæйæ» – банысангонд æддагполитикон уагдоны информацийы.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, конференцийы Аналена Бербокы номæйы байгом уыдзæн æмæ уыи Европæйы бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ райсдзысты хайад. Конференцийы фæлгæтты ацæудзæн кусæн къорды фембæлд, уый нымæцы ахæм темæтыл, цахæм дæр сты Евроцæдисы ауцæрæх; Евроцæдисы реформиркæнын; Евроцæдисы регион (EU30+) куыд глобалон хъазæг афтæ.