«Анадолуйы» гуырдзиаг журналист Давит Качъкачъишвили, кæцы Харьковыл Уæрæсейы ракетон хафты фæстиуæгæн фæцæф ис, йæхи дзæбæх хаты æмæ ацы рæстæгмæ æдас ран ис
Гуырдзыстоны æмбæстаг кæцы Харьковыл Уæрæсейы ракетон хафты рæстæджы фæцæф ис, туркаг информацион агентад «Анадолуйы» журналист Давит Качъкачъишвили у.
Качъкачъишвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, фысымуаты номыры уыдис, бæстыхайыл дыууæ ракетон хафт куы сыххæст ис. Афтæма йæ дзырдæй, æрцæугæйы фæстиуæгæн сæрмагондæй уый чысыл зиан райста.
Бырсты фæстиуæгæн афтæдæр фæцæф ис «Анадолуйы» фоторепортер Озге Элиф Кизил.
Давит Качъкачъишвилийы информацийæ, уыдон ацы этапыл æдас ран сты.