Фыдракæнды превенцийы æмæ пробацийы националон агентады информацийæ, амнистийы фæдыл закъон баххæсдзæн 10 883 пробационермæ.
Уагдоны хъусинагæй пробацийы агентад тæрхондонмæ ныридæгæн арвыста уыцы 10883 пробационеры хъуыддаг, кæцытæм æххæссы амнистийы фæдыл закъон, уыдонæй 477 сылгоймæгтæ сты, 68 та, æнæххæстаздзыдтæ сты.
Пробационертыл амнистийы ахæлиуы кæронбæттæн уынаффæ индивидуалонæй исы тæрхондон.
Амнистийы актæй, кæцыйы Гуырдзыстоны парламент 2021 азы 11 январы райста æмæ скуыста публикацийы моментæй, 3 522 зылынгондæн æнæхъæнæй аивдзысты æфхæрды мадзал; 5 361 тæрхонгондæн се фхæрды æмгъуыд фердæг уыдзæнис; 1468 ахæстæн се фхæрды æмгъуыдтæ иу цыппæрæм хаййæ фæкъаддæр уыдзæн; 532 ахæстмæ та амнисти хайгай баххæсдзæн: гоймагæн, кæцы цалдæр фыдракæнды тыххæй у тæрхонмæ лæвæрд, фæрогдæр уыдзæн æрмæст уыцы статиты тыххæй æфхæрды мадзал, кæцыты амнисти дары йæ хъуыдыйы закъон.
Фыдракæнды превенцийы æмæ пробацийы националон агентадæй хъуыддаг райсыны фæстæ тæрхондон кæсы хъуыддæгтæ индивидуалонæй æмæ тæрхоныскуыд рахæссы æрмæст иу мæйы æмгъуыдмæ. Уыцы цауы, кæд æмæ закъонмæ гæсгæ, тæрхонгонд хæсджын у, бавдиса зианбавзарæгы разыдзинад, уæд тæрхондон æркæсы хъуыддаг æмæ уынаффæ исы закъонæй бæрæг уагæй æхсæз мæйы æмгъуыдмæ.