Амиран Гмахърелидзе - Ма  тæрсут, ковидпандемийы рæстæджы, Индийы иу мæйы дæргъы  уавæр сæрмагондæй карз куы уыдис  уæд, сæм инфицирады æрдгæй акæнæг, индийаг нæ фæлæ  бритайнаг штам уыди
Амиран Гмахърелидзе - Ма тæрсут, ковидпандемийы рæстæджы, Индийы иу мæйы дæргъы уавæр сæрмагондæй карз куы уыдис уæд, сæм инфицирады æрдгæй акæнæг, индийаг нæ фæлæ бритайнаг штам уыди

Индийы  иу мæйы  дæргъы  уавæр сæрмагондæй  карз куы уыдис  уæд, сæм инфицирады æрдгæй акæнæг, индийаг нæ фæлæ  бритайнаг штам уыдис –  уый фæдыл  низты контролы  националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гмахърелидзе  райхъусын кодта.

Амиран Гамхърелидзе  куыд банысан кодта  уымæ гæсгæйæ,   бæстæйы   индиаг штам абон сæумæрайсом  сбæрæг ис.

«Ма  тæрсут, ковидпандемийы  рæстæджы,  коронавирус бирæ мутаци бавзæрста. Уыдис рог мутацитæ, афтæма уыд ахæмтæ кæцытæ  фылдæр хъусдард хъæуы,  растдæр  ахæм фондз мутацийы сты бразилиаг,  хуссар африкайаг, бритайнаг, индийаг æмæ ма ноджы  цалдæр  ис, кæцытыл ацы тæккæ цæуы иртаст. Индийы  иу мæйы дæргъы сæрмагондæй  карз куы уыдис  уæд, сæм инфицирады æрдгæй акæнæг, индийаг нæ фæлæ  бритайнаг штам уыд. Фæлæ дзы индийаг штаммæй  инфицрады цаутæ  дæр бирæ уыд» –  загъта Амиран Гамхърелидзе.

Фарстыл, вакцинæтæ  кæцыты абон Гуырдзыстоны аразынц,  иргъæвынц æви нæ индийаг штамæй, Амиран Гамхърелидзе дзуапп кæны:  «Ацы  жтапыл  уыцы  вакцинæтæ , кæцытæ нымадмæ ист сты регулиргæнæг  оргæнты æрдгæй,  иргъæвынц  уыцы  штаммтæй,  кæцытæ  дунейы рауай-бауай кæнынц, сæ нымæцы ис иртасæн Синофармыл дæр, Синовакыл, Модернайыл, Пфайзерыл,  æмæ Индийы уагхъд вакцинæйыл дæр».

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  индийаг штаммы сбæрæг кæныны  тыххæй, регуляцитæ фæкарз кæнын  ацы этапыл  нæ хъавынц зæгъгæ.