Амиран Гамхърелидзе – паддзахады хардзыл цырд тесттæ ацы этапыл арызт цæуынц æрмæст симптомтæ кæмæ ис уыцы адæмæн
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, тестты протоколы рæстæгмæ хаст æрцыд ивддзинад, кæцымæ гæсгæ дæр ацы этапыл падзахады хардзыл цырд тесттæ æрмæст симптомтæ кæцы адæймæгтæн ис, уыдонæн аразынц иртæст. Æнæсимптом адæймæгтæн та арызт цæуы «PCR» тест. Æртæ бонмæ цырд тесттæ та фæстæмæ паддзахады хардзыл цæудзысты арызт.
Гамхърелидзе афтæдæр банысан кодта, цæмæй фæстауæрц иудадзыг баххæст кæнынц æмæ тестты дефицит бæстæйы нæ уыдзæн.
«Тестты фæстауæрц иудадзыгæй баххæст кæнæм, сæрмагондæй та бæрзонд хардз ис антигены тестыл. Милуан æмæ æрдæг ма ноджы æлхæд у, сом хъуамæ æрхæццæ уа боны длæргъы 400 000 тесты, стæй та ноджы 400 000, кæнæ та фыццаг милуан ацы къуыримæ хъуамæ æрцæуа. Афтæмæй мæ хъуыдымæ гæсгæ бæстæйы тестты дефицит нæ сырæздзæнис. Æгъгъæд бæрцæй ис «PCR» тестты фæстауæрц дæр, кæцыйæ баххæст вæййы, кæд искуы антигены тестыл дефицит сырæзы уæд», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.