Амир Охана – диссаджы фембæлд уыд Шалва Папуашвилиимæ, æркастыстæм уыцы дзæбæх ахастытæ, кæцы ис Гуырдзыстон æмæ Израилы æхсæн
Фестæм диссаджы, æнтыстджын фембæлд, кæцыйыл мæ коллегæимæ Гуырдзыстоны парламенты сæрдаримæ фæныхас кодтам, æркастыстæм уыцы дзæбæх ахастытæ, кæцы ис Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн æмæ уыцы æрдæмадтæ, кæцыты куыд ис гæнæн фæарфдæр кæнæм дарддæр ацы ахастытæ параментты тыхархайдæй, – уый фæдыл Израилы парламенты сæрдар, Амир Охана гуырдзиаг коллегæимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн цæдистæ ноджы фылдæр фæарфдæр уыдзысты.
«Мах иу кæнынц историон цæдистæ. Иу мæйы размæ уыдис нæ бæстæты премьер-министрты æхсæн фембæлд æмæ абон мах парламентты сæрдæрттæ дарддæр кæнæм æмгуыстад. Хæлардзинады къордтæ диссаг куыст кæнынц. Ацы контакттæ иттæг нысаниуæгджын сты. Фембæлдыл мах банысан кодтам уыцы æнæмæнгхъæуындзинад, ома баиу кæнæм тыхархайдтæ Ираны тыхархайды ныхмæ, кæцы архайы æдасдзинады дестабилизаци скæнын. Нæ диссаджы контакттæ æдасдзинады сферæйы бирæ царды аирвæзын кæндзысты, хъуаæ архайæим терроризмы ныхмæ, ацы æрдгæй лæууæм иумæ. Афтæма бахахх кодтам, Израилы фæдфæдон политикæ æмæ йæ æххæст фарсдарын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн. Хъуамæ банысан кæнон, цæмæй абон фыццаг хатт æрцыдтæн гуырдзыстонмæ. Афтæма банысан кæндзынæн, цæмæй мæ тынг хъарм райстой, уазæгуарзондзинадæй номдзыд у Гуырдзыстон. Сæрмагондæй номзыд гуырдзиагы Серго Метревелийы æрдæм ахаст, хорзæхджын кæнын. Уыцы фембæлдтæ, кæцытæ нын сты плангонд, са нымæцы премьеримæ, æвдисынц, æнæрмæст нæ ахастыты, фæлæ ма уыцы бирæгъуызондзинад, кæцы ис æнæхъæнæй ацы проекты, кæцыйы фæлгæтты æмкуыст кæнæм. Тагъд æрцæудзысты нæ комитетты минæвæрттæ ардæм. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсынц мæ коллегæ Шалва Папуашвилийы Израилмæ визитмæ», – райхъусын кодта Охана.