Америкаг санкциты тыххæй, Уæрæсейы 50 сегасæй хъæздыгдæр адæймаг иу бонмæ зæгъæн ис 12 миллиард доллары фесæфтой
Америкаг санкциты тыххæй, Уæрæсейы 50 сегасæй хъæздыгдæр адæймаг иу бонмæ зæгъæн ис 12 миллиард доллары фесæфтой. Уый фæдыл информацийы, медиахолдинг РБК «Форбсы» миллиардерты рейтынгыл æнцойæ хæлиу кæны.
Агентад куыдж фыссы афтæмæй, ног санкцитæ Уæрæсейы фондон биржæтыл фæныллæг æмæ Уæрæсейы хъæздыг æмбæстæгты капиталы серьозон фæкъаддæр расидтис.
Сеппæтæй стыр зиан баййæфта ошлигарх Олег Дерипаска. Компани «Русал»-ы акциты аргъы виппайды фæасламы тыххæй, йæ мулк зæгъæн ис иу цыппæрæм хаййæ, кæнæ 1,3 миллиард евройæ фæасламдæр ис. Виктор Векселберг фесæфта 908 милуан доллары, депутат æмæ бизнесмен Сулейман Керимов та 813 милуан доллары зиан баййæфтап.
«Сау Номхыгъды» фигурантты æхсæн Андрей Скоч, Форбсмæ гæсгæйæ, фесæфта 106 милуан доллар, Владимир Богданов та 47 милуан доллары зиан федта.
Фæнысан кæнинаг у, цæмæй Форбсы бæрæггæнæнтæй, санкцитæ нæ бандæвдтой Игорь Ротенберг æмæ Кирилл Шамаловы каипалтæм.
9 апрелы фондон биржæйыл фæасламы тыххæй, афтдæр серьозон зиан баййæфтой Леонид Михельсон – 755 милуан доллар, Геннадий Тимченко – 716 милуан доллар, Роман Абрамович – 534 милуан доллары.
Бакой уын кæндзыстæм, 6 апрелы АИШ-ы къазнайы департамент Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ ауæрæхдæр кодта. Санкцитæ баххæссыдысты 38 физикон æм юридикъон уæнгмæ. «Сау Номхыгъды» фесты Уæрæсейы Федерацийы советы æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдар Константин Косачев, «Газпромы» къухдариуæггæнæг Алексей Милер, Уæрæсейы æдасдзинады советы нымæрдар Николай Патрушев, депутат æмæ бизнесмен Сулейман Керимов, Уæрæсейы Думæйы уæнг миллионер Владислав Резник, бизнесментæ, Игорь Роттенберг, олег Дерипаска æмæ ндæртæ.