Америкаг конгрессментæ Гуырдзыстоны  фембæлдтæ  абонæй райдайдзысты
Америкаг конгрессментæ Гуырдзыстоны фембæлдтæ абонæй райдайдзысты

Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис  АИШ-ы конгрессменты  делегаци.  Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрад.

Уагдоны информацийæ, делегацийы  сконды сты  конгрессментæ  Алекс Ксавьер  Муни (Ныгуылæн Вирджини), Брайан  Джордж Стил (Висконсин), Келли  Майкл  Армстронг (Цæгат Дакота), Кэрол  Девин  Миллер (Ныгуылæн Вирджини) æмæ  Рональд Джин  Эстес (Канзас).

«Банысан кæнын хъæуы, цæмæй конгрессментæ  афтæдæр сты   Конгрессы æндæр æмæ æндæр   комитетты  уæнгтæ.  Визиты фæлгæтты  делегаци фембæлдзæнис  Гуырдзыстоны хицауады минæвæрттимæ, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, вице-премьер  æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр  Джуаншер  Бурчъуладзеимæ æмæ  экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынаты  министр Натиа Турнаваимæ.  Афтæма   уыдзæн фембæлд  Гуырдзыстоны парламенты. Визиты фæлгæтты  конгрессментæ сæ  цæст ахæсдзысты оккупацион хаххыл.

АИШ-ы Конгрессы  делегацийы визит  абон райдайдзæн  æмæ 9 сентябрмæ аххæсдзæн.