Америкаг конгрессмен - Æрмæст сепаратистон режимты æмæ æлгъаг хицауадтæн у сæ бон ахæм фыдми бакæнын, цæмæй мард йæ бинонтæн ма рыздахой
Æрмæст сепаратистон режимты æмæ æлгъаг хицауадтæн у сæ бон ахæм фыдми бакæнын, цæмæй мард йæ бинонтæн ма рыздахой уый фæдыл Америкаг конгрессмен, Тэд По сæрмагонд веб-фарсыл публикацигонд пресс-релизы ныффыста.
Конгрессмены фыстæджы дзырдæуы, цæмæй фидиуæн Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл адæймаджы барты хæлды эскалациимæ у баст.
«Уырыссаг арс амал нæ ауадзы цæмæй равдиса йæ фыдзæрдæ фæндтæ æмæ æхсæнадæмон барадæй хынджылæг. Ивгъуыд мæйы Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл, Хуссар Ирыстоны æртæ адæймагы æрцахстой. Хъыгагæн, иуæй-иу ахæст Арчил Татунашвиилийы хъизæмарæй амардтой. Уæрæсейы æрдгæй разæнгардгонд сепаратистон хицауад та бинонтæн марды нал дæтты. Владимир Путины тиранон режим нал æфсæды сæрмагонд цæрджыты скъæфт æмæ марындзинадæй. Тирании ахæлиу кæнын архайы постсоветон тыгъдадыл дæр, афтæдæр æй фæнды скæсæн Европæйы фæтæрсын кæнын» – фыссы Тэд По.
Америкаг конгрессмены фидиуæнæй, Уæрæсейы фæстагрæстæгон архæйдтытæ æнæдзуапп ма хъуамæ баззайа æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æфхæрды æмæ Гуырдзыстоны цæрджыты раз сæххæст фыдракæндæн, Мæскуы стыр аргъ хъуамæ бафида.