Америкаг конгресмен Тед По АИШ-ы базарадон бæрнонмæ, Гуырдзыстон – АИШ-ы æхсæн сæрибар базарады бадзырдыл къухфыстмæ сиды
Америкаг конгресмен Тед По АИШ-ы базарадон бæрнонмæ, Гуырдзыстон – АИШ-ы æхсæн сæрибар базарады бадзырдыл къухфыстмæ сиды
Уый фæдыл Тед По, АИШ-ы базарадон бæрнонмæ Роберт Лайтхайзермæ фыстæгæй басидтис.
Фыстæгы фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Конгресмены бæлвырдмæ гæсгæ, АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн уæвæг бæрзонд рангы базарадон диалогы фæрцы дыууæ бæстæйы компанитæ, кусджыты æмæ пайдагæнджыты æхсæн æмкуыстдзинад рæзты бынндур ис, кæцы базарадон цæдисты потенциалæй размæцыды фадат дæтты.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фыстæгы ис хаххгонд Гуырдзыстоны стратегион бынаты нысаниуæгдзинад, кæцы æнæхъæнæй 120 милуанон пайдагæнæн базар æмæ 300 миллиард доллары бæрц экономикайыл ахадындзинад сыххæст кæндзæн.