Америкаг генерал - Уæрæсейы архæйдтытæ Украинæ æмæ Гуырдзыстоны амонынц уый æмæ Уæрæсе Европæйы æдадсзинадæн тæссаг у
Америкаг генерал -  Уæрæсейы  архæйдтытæ Украинæ æмæ Гуырдзыстоны амонынц уый æмæ Уæрæсе Европæйы æдадсзинадæн тæссаг у

Уæрæсейы инвестицитæ  æфсæддон   сферæйы  æмæ   Мæскуыйы  архæйдтытæ  Украинæ æмæ  Гуырдзыстоны ныхмæ,  бæлвырдæй æвдисынц,  цæмæй  Уæрæсе Европæйы  æдадзсинадмæ æртъхъирæн кæны.   Ацы фидиуæны   абон Брюсселы, NATO-ы  æфсæддон комитеты рабадтыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта  америкаг  генерал  Джозеф   Даннфорд.

«2008 азы  79 минæй фылдæр уырыссаг æфсæддон  бабырстой  Гуырдзыстоны регионтæм, Хуссар Ирыстон æмæ  Абхазимæ. Уыдонæн сæ ныхмæ слæууыдысты  10 мин гуырдзиаг  æфсæддон,  кæцытæ тыхбын уыдысты  фæгæдзæ кæнын, Уæрæсе та ацы территориты оккупаци дарддæр кæны» – расидтис  Даннфорд.

Америкаг генералы  ныхæстæм гæсгæ,  алы   паддзахдæн ис йæхи баиргъæвыны бар.  Афтæдæр  йæ фидиуæнæй,   цæгататлантикон  альянс  æрфидар кæндзæн  Европæйы   æмбæлон   фæрæзтæ, цæмæй скæсæнæй  цæугæ  тасы нейтрализаци скæнын бахъом уа.

Даннфорды  ныхасмæ гæсгæ, НАТО ныридæгæн фæтыхджындæр кодта  акæнæг  дæлхайадтæ,  афтæдæр  Эстонийы, Латвий, Литвæйы æмæ Польшæйы  дислоциргонд сты  бирæнацион  батальон.

«АИШ-æн ис  æфсæддон иугонд   Польшæйы  æмæ адарддæр кæндзæн   æфсæддон  компоненты тыхджындæр кæнын Европæйы» –  расидтис Джозеф  Данфорд.