Америкаг фармацевтон компани – не нхъæлæм цæмæй медикаментты æмгъуыд аивгъуыд, исты хуызы бандæвдта Геппатит Ц-ы эллиминацийы программæйы нысæнтты сыххæстыл
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министрад америкаг фармацевтон компани, «Gilead»-ы куырдиат ахæлиу кодта, кæцы Геппатит Ц-ы эллиминацийы программæмæ æххæссы. Фæнысангонд компани Гуырдзыстоны, вирусы ныхмæ препаратæй 2015 азæй лæвар ифтонг кæны.
«Гуырдзыстон у, Геппатит Ц-йы эллиминацийы нысанæй, æхсæнадæмон тыхархайды авангарды уæвæг бæстæ æмæ компани «Gilead» сæрыстыр у, ахæм ахсджиаг программæйæн æххуыс кæй у, йæ райдианæй, 2015 азæй. 2019 азы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны хицауад æнтыстджынæй схос кодта 58 000 адæймагæн, нæ организацийæн лæвæрд медикаментты фæрцы», – дзырдæуы куырдиаты, кæцыйы оригинал, афтæдæр гуырдзиаг тæлмацы, Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрад хæлиу кæны.
Фармацевтон компани Гуырдзыстонæн лæвæрд медикаментты æмгъуыд авигъуыды фæдыл ахæлиугонд информацийæн дæтты дзуапп. Компанийы куырдиаты куыд дзырдæуы афтæмæй, зæгъгæ ахæм цаутæ, æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды программæты стæмты нæ вæййы, уымæн æмæ хъæугæйæ бирæ фылдæр медикаменттæй ифтонгад цæуы.
Америкаг компани уый дæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны, Геппатит Ц-ы эллиминацийы программæйæн æххуыс активонæй дарддæр кæны.
Гуырдзыстоны паддзахадон аудиты куысты хатдзæгмæ гæсгæйæ, Геппатит Ц-ы фæткдаттыны программæйы фæлгæтты, Гуырдзыстонæн лæварæй райсгæ 560 645 083 ларийы аргъы медикаменттæн се мгъуыд аивгъуыд.