Амард  Нодар Натадзе
Амард Нодар Натадзе

93  аздзыд  кары   амард   литературæзонæг, æвзагзонæг, Гуырдзыстоны Республикæйы  фыццаг  сидты Бæрзонддæр Советты  уæнг, Гуырдзыстоны  хæдбарад ногæй рацаразыны  фæдыл акты иуæй-иу  къухбафыссæг  Нодар Натадзе.

Нодар Натадзе  1957-1963  азты  уыд   Гуырдзыстоны  зонæдты академийы   æвзагзонынады  институты  ахуыргонд-кусæг; 1963-1969 азты Гуырдзыстоны  зонæдты академийы  литературæйы  институты  ахуыргонд-кусæг; 1969 азæй Гуырдзыстоны  зонæдты  академийы  философийы  институты   хайады къухдариуæггæнæг;1990-1991 азты Гуырдзыстоны Республикæйы  фыццаг  сидты Бæрзонддæр Советты  уæнг, йæ къух бафыста  Гуырдзыстоны  паддзахадон  хæдбарад  ногæй рацаразыны  фæдыл   актыл.

Нодар Натадзе  уыд    бирæ  зонадон æмæ публицистон   сфæлдыстады, монографиты автор.