Али Каан Орбай - иумæ тыхджын уыдзыстæм, бузныг Гуырдзыстоны хицауадæн, гуырдзиаг адæмæн, бузныг Гуырдзыстон
Гуырдзыстоны Турчы минæвар Али Каан Орбайы фидиуæнæй, Гуырдзыстон уыд иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæцы Турчы æхсæнадæмон дзыллæмæ æхухысы фæдыл сидтæн сдзуапп кодта æмæ уырдæм ирвæзынгæнæг къорд арвыста.
Минæвар Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд загъта афтæмæй, Турк тынг зæрдæрухс у гуырдзиаг адæмæй.
«Фæнды мæ зæгъын мæ арфæ Гуырдзыстоны хицауадæн, президент Зурабишвилийæн, премьер-министр Гъарибашвилийæн, фæсарæн хуъыддæгты минист р Драчиашвилийæн, мидхъуыддæгт министр Гомелаурийæн æмæ алы æндæр министрæн æмæ парламенты нæ хæлæрттæн, кæцытæ равдыстй хъынцъым æмæ нын тфæрфæс ракодтой. Афтæдæр мæ фæнды бузныг зæгъын парламиенты спикер Шалва Папуашвилийæн уыцы эмоцион минутон æнæсдзырды тыххæй кæцыйæ уыдон сæ ном ссардтой зæххæнкъуысты амæттæгтæн, знон парламенты сессийы байгомы рæстæджы. Мах ацы вазыгджын периодыл фæтых уыдзыстæм нæ хæлæртты, не æфсымæрты æххуысæй. Бузныг гуырдзиаг адæмæн, кæцы махимæ иумæ хъынцъым кæны æмæ нын солидарондзинад равдыста. Фæнды мæ зæгъын цæмæй иумæ мах тыхджын уыдзыстæм. Бузныг Гуырдзыстон»- райхъусын кодта минæвар.