Алексей Навальныйæн 30 боны æмгъуыдмæ, 15 февралмæ ахст стæрхон кодтой. Уый фæдыл Навальныйы адвокат социалон хызагы ныффыста.
Уынаффæ Химкийы пъæлицæйы хайад ацæугæ процессыл рахастой.
Уырыссаг оппозиционер Алексей Навальныйы барадхъахъхъæнджытæ Мæскуыйы «Шереметьево»-йы аэропорты 17 январы, дзырдæй тæрхоны домæнтæ халыны аххосæй æрцахстой.
Навальный бæстæмæ, Германийæ æрыздæхтис, цы ран нервон-паралитикон буарадæй фæхъæстæй фæстæ хос кодта.