Александре Барамидзе – уырнæг дæн, Евроцæдисимæ æнæвизæ режимы æруромыны механизм Гуырдзыстонмæ гæсгæ не скусдзæн
Александре Барамидзе – уырнæг дæн, Евроцæдисимæ æнæвизæ режимы æруромыны механизм Гуырдзыстонмæ гæсгæ не скусдзæн

Юстицийы министры хæдивæг  Александре Барамидзе  ныфсджын у,  цæмæй  æнæвизæ режимы  æруромыны механизм, Гуырдзыстоны æрдæм не  скусдзæн.

Уый фæдыл Барамидзе  райхъусын кодта  Deutsche Welle,  мыхуыр статийы  дзуаппæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы,   цæмæй  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ фыдвæнд пайда кæнынц  æнæвизæ режимæй.

Барамидзейы  ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны хицауад  закъондæттæг органимæ иумæ  аразынц  къахдзæфтæ,  цæмæй  æнæвизæ режимы  æруромынымеханизмы скусын кæныны  тасæй  нæхи аиуварс кæнæм.

Юстицийы министры хæдивæг  дзуры, цæмæй  Еврокамисы æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæтæ  информиргонд сты уыцы закъондæттæн  ивындзинæдты фæдыл,   кæцыты  æххæст кæнвынц  Гуырдзыстоны  хицауад.

«Ацы темæ ног  нæу.  Цалдæр куырийы  размæ дæр уыдис информаи,  цæмæй  Евроиугонды  уæнг хицæн  бæстæтæ,  мæтæфтыд сты  хиæмбæхсæнагурджыты  æмæ   криминалон  архæйдтыты цауты   фæфылдæры тыххæй.  Хъыгаг у, фæлæ  Гуырдзыстоны хицауад  алы амæлттæй  архайы, цæмæй  визалиберализаци  æмæ æнæвизæ режиммæ тас ма бартъхъирæн кæна» –  загхта  Барамидзе.

Министры  хæдивæгы ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны  хицауад  Еврокамисимæ æнæаскуынгæ бастдзинады  ис.

«Уырнæг дæн,  цæмæй  ахæм   тыхархайдты фоныл, уыцы тас   кæцыйы тыххæй  фыссынц, уый нымæцы фæсарæйнаг прессæйы дæр,   реалонæй нæ уыдзæн» – райхъусын кодта Александре Барамидзе.

Немыцаг рауагъдад  Deutsche Welle, публикаци скодта статийы, сæргондæй  «Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ фыдвæнд пайда кæнынц   æнæвизæ  режимæй».  Публикацийы мидæг дзырдæуы,   цæмæй  Гуырдзыстон, Евроцæдисимæ æнæвизæрижим фæдыл бадзырд бафыста иу афæдзы размæ,  фæлæ  статистикон бæрæггæнæнтæй, зыны  цæмæй  ацы  афæдзы дæргъы,   Германийы  гуырдзиаг  лигъдоны статус курджыты  нымæц,   драматонæй  райрæзтис.