Александр Лукашенко – ферох уæ ис Гуырдзыстон йæ территорийы 1/3 хай кæй фесæфта уый?
Белоруси у иунæг пост-советон бæстæ, кæцы ницы æнамондзинад бавзæрста – уый фæдыл Белорусийы президент Александр Лукашенко ног хицауады снысан кæныны рæстæджы дзырдæй ралæуды райхъусын кодта.
Лукашенко æрынмадта раздæры советон бæстæтæ, кæцытæ проблемæты раз ралæууыдысты, сæ нымæцы Гуырдзыстон дæр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Белорусийы иуæй-иу сегасдæр нысаниуæгджын æнтыст у, сабырдзинад æмæ стабилондзинад, фæлæ иуæй—иуты уый рох кæны.
«Белоруси иунæг постсоветон бæстæ у, кæцы æнамондзинад нæ бавзæрста. Белорусгæтæй иуæй-иутæ æнхъæлынц, цæмæй Украина кæмдæр дард ныппырх кодтой, дард у хæст, байстой йын территорийы хай. Кæмдæр дард Молдовæ ис, кæцыйы афтæдæр йæ астæуыл афастой = Днестргæрон æмæ ныгуылæйнаг хай. Ферох уæ ис куыд хæцыдысты Лиетувæйы, тохгæнгæйæ хъахъхъæдтой хæдлбардзинад æмæ суверенитет советон рæстæджы Горбачевы периоды? Ферох уæ ис, цæмæй абондæр нырма мынæг сыгъд кæй кæны Кавказ уый?, сомихæгтæ азербайджайнæгтимсæ хæцынц? Никуыд бафидауынц. Ферох уæ ис Гуырдзыстон йæ территорийыл зæгъæн ис иу æртыккæгæм кæй фесæфта, нрыма Абхаз æмæ стæй та Хуссар Иыстон?» – загъта Александр Лукашенко.