Алеко Элисашвили хъусын кæны, цæмæй оппозици цæттæ у, ЦÆК-ы æмæ МХМ-ы минæвæрттимæ фембæла
Æнхъарæм сын сабырадон рацæуæн, исчи, бæрнон сæм чи у, ахæм гоймаг, рацæуæд, æрцæуæд Тамар Жваниа æмæ ам чи у МХМ-йæ, уыдонæй исчи æмæ æрныхас кæнæм, – уый фæдыл акцийы иуæй-иу хайадисæг Алеко Элисашвили ЦÆК-ы бæстыхайы цур акцийыл райхъусын кодта.
Алеко Элисашвили ЦÆК-ы минæвæрттæн æмæ МХМ-æ баздæхт, цæмæй цæттæ у, сабырадон бадзырдтæм.
«Æнхъарæм ацы уавæр сабырæй ифтыгъдсуадзын. Цалдæр адæймаг æрбахиздзыстæм, цалдæр адæймаг та сымахæй рацæуæд æмæ æрныхас кæнæм æмæ ифтыгъд суадзæм ацы уавæр, мах æнхъарæм сабырадон рацæуæн. Исчи, бæрнон сæм чи у ахæм гоймаг, рацæуæд, æрцæуæд Тамар Жваниа æмæ ам чи у МХМ-йæ уыдонæй исчи. Ардгæй дæр адæм лæууынц æмæ сымах дæр адæм стут, сымах дæр гуырдзиæгтæ стут æмæ мах дæр. Мауал карз кæнут уавæр. Фæныхас кæндзыстæм, саразут нын къæлидор. Дзырд уын дæттæм, цæмæй ацы къæлидоры æртæ лæгæй фылдæр не арбацæудзыстæм», – райхъусын кодта Алеко Элисашвили.