Аласкæйыл  рекордонæй бæрзонд  температурæ  сфиксир ис
Аласкæйыл рекордонæй бæрзонд температурæ сфиксир ис

АИШ-ы Аласкæйыл  рекордонæй бæрзонд  температурæ  сфиксир ис.  Америкæйы Иугонд Штатты   метеорологион  куысты  хъусинагæй,  арктикон   зылдмæ хауæг  регионы  уæлдæфы  температурæ  32  градус Цельсимæ  аххæссыд.  Бæрæг куыд у афтæмæй  ацы  периоды уæлдæфы  астæуккаг   температурæ  18  градус  Цельсийæ  фылдæр нæ  вæййы.

Аласкæйыл  фæстаг хатт сеппæтæй  бæрзонд  температурæ  1969  азы  14  июны  уыд,  йеуæд  уæлдæфы  температурæ  аххæссыд  30  градус Цельсимæ.

Фæстаг азты мидæг   АЛаскæйыл   температурæ   рæзы.  Æрдзхъахъхъæнджытæ куыд дзурынц  афтæмæй,   климаты ивд  фехæлдта  æрдзон рæхыс. Сæ фидиуæнæй, океаны  температурæйы  рæзтимæ иумæ  сæдæгай  хуызы  кæсаг регионæй  аддæмæ ис. Доны  цæрæгойтæ та, сæйраг хæлц  уыдысты  Аласкæйыл цæрæг мæргътæ.  Уый фæстиуæгæн фæстаг  азты  цалдæр сæдæ мæргъ сыскуыд.